Гиорги Чъиргъваиа бæлвырд кæны, цæмæй Кутаисы мэры постæй йæхи сисдзæн. Уый фæдыл Чъиргъваиа фыссы социалон хызагы.
«Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй мæнæн æвзарæнон æмгъуыд нырма нæ аивгъуыдис, ахицæн кодтон Кутаисы мэры постæй мæхи сисын æмæ политикæйæ ацæуын. Фæлæ мæ горæтæй никæдæм цæуын, æмæ кæддæриддæр уыдзынæн йæ сæрхъызой. Фæнды мæ бузныг зæгъын ме мгорæттæгтæн, кæй мыл баууæндыдысты, мæныл æмæ мæ балыл, кæй нын æххуыс кодтой, уый тыххæй, медийæн – æмгуыстады тыххæй. Сабырад æмæ æнтыстытæ арфæ кæнын мæ горæтæн!» – фыссы Гиорги Чъиргъваиа «Фейсбукы».
Гиорги Чъиргъваиайы мэры постæй ацыды фæдыл информаци знон фæбæрæг ис. Абон та Кутаисы мэр уынаффæйы фæдыл официалонæй райхъусын кодта.