Кутаисы инфекцион рынчындонмæ гуырысхойаг симптомтимæ цы 6 пациенты баластой, уыдонæй дыууæ сты оккупацигонд Абхазæй
Кутаисы инфекцион рынчындомæ ивгъуыд æхсæвы фæхæццæ кодтой æхсæз пациенты гуырысхойаг симптомтимæ.
Уыдоны нымæцы сты æвзонг ус æмæ лæг оккупацигонд Абхазæй, æрмæст иннæ пациенттæ, клиникæйы «Ковид-19» кæцы фæрынчынуæвджытæн хос кæнынц уыдоны контакттæ сты.
Ног пациентты анализтæ боны дæргъы басгардзысты.
Ацы рæстæгмæ, Кутаисы инфекцион рынчындоны коронавирусы диагнозæй уæвынц 17 пациенты.
Сæ иу сдзæбæх ис æмæ йæ клиникæйæ абон рафысдзысты.
Клиникæйы с æйраг дохтыр Теймураз Надирадзейы информацийæ, 14 паиентæн ис пневмони æмæ сæ уавæр у астæуккаг уæззау.