Кутаисы «Гуырдзыстоны банкы» филиалмæ бырсты фактыл æрцахстуæвæг Григол Нарсиайы интерестæ хъахъхъæндзысты фондз адвокатæй
Кутаисы «Гуырдзыстоны банкы» филиалмæ бырсты фактыл æрцахстуæвæг Григол Нарсиайы интересты сæрыл хæцдзысты «Юристты Ассоциацийы» минæвæрттæ.
Фондз адвокатæй къорд хъуыддагмæ нырид баиу сты. Адвокат Цици Бабунашвили, кæцы дæлæвджидимæ фембæлдис, хъусын кæны, цæмæй хъуыддаджы æрмæджытæ нырма нæ зоны, фæлæ нæ цух кæны, стъигъындзинады мотив уа æрцахстуæвæгы хъæбулы æнæниздзинады уавæр.
Адвокат Сосо Кутателадзе та дзуры, цæмæй иргъæвæг фарс æрцахстуæвæгы психикон æнæниздзинады уавæры фæдыл экспертизæ куры.
«Нæ бал хæцы Григол Нарсиайы интересты сæрыл. Ракурдзыстæм хъуыддаджы æрмæджытæ æмæ уыдонмæ гæсгæйæ ауадздзыстæм хъахъхъæды стратеги. Фыццаджы дæр сбæрæг кæнинаг у ацы уæнгы психикон уавæр. Уый фæдыл æнхъæлцау снысан кæндзстæм экспертизæ», – райхъусын кодта адвокат Сосо Кутателадзе.
Григол Нарисайæн аххосаг официалонæй абон бавдисдзысты.
Бакой уын кæндзыстæм, мидхъуыддæгты министрад Григол Нарсиайы, Кутаисы, «Гуырдзыстоны Банкы» иуæй-иу филиалмæ бырсты, терриористон акты, террористон нысанæн амынæты скныны æмæ хæстæрмæджы æнæзакъононæй балхæд-бавæрд-дарыны аххосагæй æрцахста. Æрцæугæ фактыл фæдагуырд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 236, 323, æмæ 329-æм статитæй цæуы.