Кутаисы æппæтдунеон аэропортæй Венецимæ комкоммæ рейстæ райдыдтой
Кутаисы æппæтдунеон аэропортæй Венецимæ комкоммæ рейстæ райдыдтой

Кутаисы æппæтдунеон  аэропорт 2-æм декабрæй бафтыдта комкоммæ рейстæ Венецимæ. Wizz Air къуыри дыууæ хатты – дыццæг  æмæ сабаты  æххæст кæндзæн  рейс Венеци-Кутаис-Венеци.

Аэропортты ассоциацийы информацийæ, Венеци-Кутаис-Венецийы фыццаг рейсы 340 бæлццон уыд.