Курскы  зылды  губернатор хъусын кæны, цæмæй Курскы æфсæнвæндагон  станцæйыл  æнæпилот тæхæн аппаратæй бырст сыххæст ис
Курскы зылды губернатор хъусын кæны, цæмæй Курскы æфсæнвæндагон станцæйыл æнæпилот тæхæн аппаратæй бырст сыххæст ис

Курскы   æфсæнвæндагыл   æнæпилот тæхæн аппаратæй   бырст  сыххæст ис.   Курскы   зылды губернатор Роман  Старовойт  куыд ъхусын кæн афтæмæй,  æфсæнвæндагы   станцæйы   уæлхæдзарыл  сæммбæлдис дрон, кæцыйы  фæстиуæгæн   фондз адæймаг   фæцæф ис.

«Украинаг æнæпилот тæхæн апараты бырст  Курсы.  Рагафон  информацийæ,  уый æфсæнвæндагон станцæйы  бæстыхайы  уæлхæдзарыл   сæмбæлд, кæцыйы фæстиуæгæн  фæзындис  сыгъд.  Фондз   адæймаг   рог зиæнттæ  райстой   æвгты  састытæй», –  фыссы  губернатор  йæ телеграмм-каналы.

Украинайы  хицауад æрцæугæйы  фæдыл комментари  нæ  сарызта.

Уыимæ, Украинайы   гарзджын тыхты  генштабы  хъусын кæнынц, цæмæй  ивгъуыд æхсæв   Украинайы æрдæм Курскæй хæстон дронтæ   рауагъдтой.