Культурон бындарады хъахъхъæды зонæты æнæбарлæвæрдæй кæнæ барлæвæрдæй бæрæг доментæ халгæйæ  цæугæ арæзтадыл фæкарзгонд санкцитæ  11 январæй  скусдзысты
Культурон бындарады хъахъхъæды зонæты æнæбарлæвæрдæй кæнæ барлæвæрдæй бæрæг доментæ халгæйæ цæугæ арæзтадыл фæкарзгонд санкцитæ 11 январæй скусдзысты

Культурон бындарады  хъахъхъæды зонæты   æнæбарлæвæрдæй   кæнæ барлæвæрдæй  бæрæг домæнты  хæлдæй   уагъд арæзтадтыл  архайæг санкцитæ  карздæр кæнынц –  уый фæдыл  Тбилисы мэр Каха Каладзе  райхъусын кодта.

Каладзе  Тбилисы муниципалитеты  хицауады рабадтыл куыд  райхъусын кодта афтæмæй,   ахæм  хæлдтытыл  ивар  нырма 2018  азы  райрæзтис, фæлæ   фæнысангонд  санкцитæ  алкæмæн  уромæг факторæн нæ рабæззыдысты.

«Фæнды мæ бавналын  нæ горæтæн  иуæй-иу нысаниуæгджындæр  фарстамæ, кæцы  æххæссы  æнæбарлæвæрдæй   кæнæ барлæвæрдæй  бæрæг домæнты  хæлдæй   уагъд арæзтадтæм, уымæн æмæ алы   ахæм  цау   зиан кæны  Тбилисы, йæ хуызæн æмæ  ацы горæты цæрæг  адæймæгты бартæн. Проблемæйы схафыны  æмæ  превенцион    мадзæлтты ауадзыны нысанæн, нырма  2018 азы   баздæхтыстæм парламентмæ  закъонопроектимæ   æмæ санкцитæ,  3-4 хаттонæй, æрмæст хицæн цауты  дæсхаттонæй  дæр фæбæрзонддæр кодтам. Уымæй  дарддæр ма, парламенты  æххуысæй   арæзтады   фæурæды  фæдыл  уагæвæрды  фæлхатгæйæ æнæсæххæст ссис тугтæрхоны барады   фыдракæндæй, фæлæ   нæкæсгæ уымæ, ацы санкцитæ  иуæй-иу  арæзтадæнкæронмæ  уромæг факторæй нæ фестад», –  банысан кодта Тбилисы мэр.

Йæ дзырдæй  зæгъгæ ног  закъон   цæугæ азы 11  январæй  скусдзæн.