Критикон  æнæмбæлгæдзинады  тыххæй æхсыры продуктдæттæг  11  бизнесоператорæн,   амалиуæгады процесс урæд æрцыд
Критикон æнæмбæлгæдзинады тыххæй æхсыры продуктдæттæг 11 бизнесоператорæн, амалиуæгады процесс урæд æрцыд

Æхсыры продуктдæттæг  11  бизнесоператорæн,  критикон  æнæмбæлгæдзинады  тыххæй,   амалиуæгады процесс урæд æрцыд, æрмæст  уагхалындзинады тыххæй фæивар сты  56 бизнесоператор – уый ф æдыл информацийы  хæлиу кæны  Хæлцы  националон  агентад.

Уагдоны хуъсинагæй,   кондадты  санитарон   уавæримæ иумæ,   сгæрст æрцыд   продукцийы     æхсыры техникон   регламентмæ æмбæлондзинад.

«Этикеты фæтксасты  тыххæй фæивар  сты 24  бизнесоператор. Æхсыр æмæ   æхсыры  продукты  сойы бæрц  рабæрæг кæнынæн ист æрцыд 105 хуызæг;  Listeria monocytogenes-ы иртасæныл –  120  хуызаг,  сальмонелæйыл – 255 хуызаг.  Нысаниуæгджын  у, цæмæй  хæлд  ацы æрдгæй нæ рабæрæг ис.

Æхсыры  техникон   регламент  скуыста  2015 азы  августы, 2017 азы  1  июлы  та  йæ тыхмæ бацыд  домæн,  кæцымæ гæсгæ дæр, номхуынд «Цыхт»  гæнæн ис  фыст æрцæуа æрмæстдæр æхсырæй  арызт продуктыл.  Æндæр цауы та дæнцæн : æхсыры  рыгойæ  аразыны рæстæджы  этикетыл  «Цыхт» ныффыссын гæнæн  нæй.

Ивындзинæдтæ  баххæссыд  афтæдæр  «Къаддæр   сойджын  нæлхæйы»  æмбарынгæнæнмæ.   Фæнысангонд  номхуындæй пайда кæнын   гæнæн ис  нæлхæйыл,  кæцыйы мидæг æхсыры   сойы бæрц   39% къаддæр ма хъуамæ, æмæ  79 процентæй та фылдæр.  Æнæруадзгæ  у  этикетыл термин  «Нæлхæйы»  ныффыссын, уый нымæцы  бизнесоператоры фирмæйы номхуынды  дæр,   кæд  продукты  рауадзынæн спайда кодтой   зайæгойы кæнæ æндæр сойæ,  æхсыры сойæ  æддæйæ»- банысангонд у Хæлцы  националон  агентады информацийæ.

2017 азы  Хæлцы националон агентад æхсыры прдукты  уадзæг, бакусæг  æмæ реализатор   бизнесоператортыл сæххæст кодта 424  паддзахадон контроль, уый нымæцы: 373 инспектирдзинад æмæ 51 документон басгæрст.