Кристин Лагард – Гуырдзыстонмæ хъуамæ уа уый хъомыс, цæмæй фæсарæйнаг валютæйыл баст ма уа
Гуырдзыстон уый хъом хъуамæ уа, цæмæй фæсарæйнаг валютæйыл баст ма уа – уый фæдыл Æхсæнадæмон Валютон Фонды (ÆВФ)-ы къухдариуæггæнæг Кристин Лагард райхъусын кодта паддзахадон церемониты галуаны, цы ран Националон банчы президентимæ Къоба Гвенетадзеимæ иумæ фембæлд студенттимæ.
Кристин Лагарды ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстоны экономикæ нырма дæр лæмæгъ у æддаг шокътæн, сæрмагондæй та базарадон дауты æмæ финансон базары æнæстабилондзинады фоныл.
«Цы ис гæнæн саразын – ацы фарстайы экономисттæм ис егъау фæтæн дзуапп æмæ бирæфарсон ахаст, валютон курсы тассагдзинад химæ руадзынæй райжайгæ. Æнæмæнгхъæугæ у, уымæн æмæ ай у – æдасдзинады хицæнхуыз амал уыцы цаутæн, кæд æмæ ситуаци фæфыддæрдæр уыдзæн, уæд Гуырдзыстонмæ фæзындзæн уæлидзинад, афтæдæр экономикæйæн, кæцы баст у æддæ æркуырдтыл, уый иттæг нысаниуæгджын у. Уый у æнæмæнгхъæугæ стабилондзинад бахъахъхъæнынæн. Афтæдæр хъæуы прогнозгæнæн финансон æмæ экономикон политикæйы имплементаци. Зонын, цæмæй капиталы къабаз рæзы, фæлæ куыд иу фæзæгъынц, афтæмæй, сындæггай фæлæ уæддæр размæцыд кæнæм. Уый гæнæн ис сырæза регионалон æмвæзадыл æмæ фылдæр координиргондæй», – райхъусын кодта Кристин Лагард.