Кристиан Даниелсон Гуырдзыстоны, Евроцæдис æмæ АИШ-ы минæвæрттимæ æмбæлы
Европаг Советы президенты специалон минæвар Кристиан Даниелсон Гуырдзыстоны, Евроцæдис æмæ АИШ-ы минæвæрттимæ, Карл Харцелл æмæ Келли Дегнанимæ фембæлд. Фембæлды цæуы Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады офисы цæуы.
Журналисттæн Даниелсон куыд загъта афтæмæй, ныр зæгъгæ фарсыты æхсæн компромиссты афон у.
«Райгонд дæн Гуырдзыстонмæ æрыздæхынæй. Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын политикон партиты лидертмæ процессмæ баиумæ, оппозицион æмæ хицауадон партитимæ, баххуыс сын кæнон, цæмæй бафидауой ацы бæстæйы политикон кризис кæрон скæнынæн. Бæрæг куыд у афтæмæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ ацы процессмæ лæмбынæг сæ хъус дарынц. Ныр компормиссты афон у æмæ компромисс – æдыхдзинады миниуæг нæу. Уый стыхджын кæндзæн Гуырдзыстоны демократи æмæ уый у Европæмæ фæндаг» – раййхъусын кодта Даниелсон.
Кристиан Даниелсон Гуырдзыстонмæ 27 марты æрцыд.