Кремль уырыссаг аивадархайджыты фæдзæхсы, цæмæй зæгъгæ «Гуырдзыстонмæ балц, гæнæн ис æдас ма уа
Кремль уырыссаг аивадархайджыты фæдзæхсы, цæмæй «Гуырдзыстонмæ абалц кæнын, гæнæн ис æдас ма уа» – æмбæлон фидиуæн, агентад «Интерфаксы» хъусинагæй, Уæрæсейы президенты пресс-нымæрдар Дмитрий Песков сарызта.
«Нæ артисттæ ныр хъуамæ сæ зæрдыл дарой, цæмæй ай гæнæн ис тæссаг уа. Мах Гуырдзыстоны минæварæй нæ фехъуыстам, цæмæй уыцы æвзонгты митæ бафаудтой, кæцытæ парламенты балæбурын æмæ æндæр бæстæйы адæмон минæвæрттæм бабырсын хъавыдысты», – райхъусын кодта Дмитрий Песков.
Афтæма, «Интерфакс» куыд фыссы афтæмæй, Уæрæсейы президенты пресснымæрдар банысан кодта, цæмæй Уæрæсейы уарзынц гуырдзиаг адæмы æмæ сын цыт кæнынц, фæлæ экстремиссты æмæ националистты митæм позитивон цæстæй никуы кæсдзысты.