Краснодары зылды, горæт Эйскы авиакунæггæнæг æрхаудта цæрæн корпусыл [видео]
Краснодары зылды, горæт Эйскы уырыссаг «Су-34»-ы типы уæлзæлон авиакуынæггæнæг, фарастуæладзыгон цæрæн корпусыл сæмбæлд.
Æфсæддон хæдтæхæджы авиакатастрофæйы фæстиуæгæн, цæрæн корпусы фæзындис сыгъд. Зынгсирвæзт дыууæ мин квадратон метрыл ахæлиу ис. Ныр хæлиу кæны информаци, цæмæй сыгъд афтæдæр фæзынд авиацион артагыл.
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады информацийæ, авиакуынгæггæнæг ахуырадон-фæлтæрæнон тахты рæстæджы æрхаудта.
Тæхджытæн бантыстис катапультæ скусын кæнын. Пилотты хъусинагæй, æфсæддон хæдтæхæджы катастрофæ стæхыны рæстæджы иуæй-иу змæлынгæнæны зынгсивæрзты тыххæй æрцыд.