Коронавирусмæ гæсгæ Сырх Хиды арæйнон ацæуæн пунктыл Гуырдзыстонмæ æрбацæуæг алы адæймаг медицинон басгæрст ацæуы
Коронавирусмæ гæсгæ Гуырдзыстон-Азербайджаны Сырх Хиды арæйнон ацæуæн пунктыл Гуырдзыстонмæ æрбацææуæг алы адæймагы сгарынц.
Æмбæстæгтæ куыд дзурынц, афтæмæй, уыдонæн сбарынц тæвд æмæ сын æрмæст уый фæстæ раттынц арæныл рахизыны бар.
Фыццаг Каналæн Азербайджанæй рацæуæг иуæй-иу бæлццон куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæйæ, басгæрсты фæстæ Ираны дыууæ ‘мбæстагæн Гуырдзыстоны арæныл рахизыны бар нæ раттой.
«Мæн басгæрстой, æмæ уый тыххæй, цæмæй æнæниз дæн, рауагъдтой мæ. Махимæ иумæ арæныл уыд Ираны æртæ æмбæстаг. Цалынмæ контрол ацыдаин, уыдоны фæстæмæ аздæхтой. Нæ зонын, цæй æфсонæн. Федтон, цæмæй сын Гуырдзыстонмæ æрбацыды бар нæ раттой», – хъусын кæны Дилман Гусейнов.