Низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе 15:00 сахатмæ Гуырдзыстоны цы уавæр уыд, уый фæдыл эпидситуацийы тыххæй фæныхас кодта.
Гамхърелидзейы куырдиатæй, ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфициргонд нымæц æнæивгæ у – 15.
Ныр Лугары центры 23 гоймагы анализтæ иртасынц.
Амиран Гамхърелидзе бузныг загъта медийæн коронавирусы тыххæй эпидситуацийы раст рухс кæнынæн.
«Уый иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй мах раст æмæ бæлвырдгæнæнтыл æнцойæвæрд информаци базонын кæнæм цæрджытæн», -райхъусын кодта Гамхърелидзе.
Афтæдæр, Гамхърелидзе бузныг загхта коллегæтæн, дохтыртæн , медицинон персоналæн, низты контролы центры кусджытæн, кæцытæ æнæфæллайгæйæ 24 сахаты дæргъы кусынц, цæмæй бæстæйы уавæр контролгонд уа.
«Комкоммæ зæгъдзынæн, цæмæй ситуаци бæстæйы, контролы дæлбар у», – загъта Амиран Гамхърелидзе.