Коронавирусæй инфицирады ног цаутæй 989 рабæрæг ис Тбилисы, 387 та Ачъарайы
Тбилисы рабæрæг ис 989 цау, Ачъарайы 387, Квемо Картли – 166, Шида Картли – 133, Гуриайы – 27, Самегрело-Уæллаг Сванет -97, Кахеты -47, Мцхета-Мтианеты -33, Самцхе-Джавахеты -29, Рачъа-Лечхум æмæ Дæллаг Сванеты та инфицирады ног цæаутæ не сбæрæг сты – уый фæдыл æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæр Александре Ходжеванишвили, хицауады администрацийы лæвæрд брифингыл фехъусын кодта.
Уый ма банысан кодта цæмæй ацы рæстæджы инфицирады активон цауты нымæц у 15 240.
«Чи сынæниз ис уыцы адæймæгты нымæцы фæфылдæры рдгæй, абоны уавæрæй дæр нын ис позитивон динамикæ. Сæрмагондæй та фæстаг 24 сахаты дæргъы, снæниз сты 2 537 пациент, æмтгæй райсгæйæ та чи снæниз ис уыдоны нымæц райрæзтис 31 170-ы онг» – райхъусын кодта Ходжеванишвили.