Коронавирусæй инфицирады ног цаутæй, 913 уыд Тбилисы, 296 Ачъарайы,337 та Имереты
Абоны уавæрæй, фæстаг 24 сахаты мидæг, рабæрæг ис 1 872 ног цау, æрмæст сæ æмтгæйон нымæц у 30 303, – уый фæдыл æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг штабы хистæры хæдивæг, Бердиа Сичъинава, хицауады администрацийы лæвæрд брифингыл фехъусын кодта.
«Хъыгагæн, 24 сахатмæ 14 адæймаг амард, Тбилисы 8 адæймаг, Имереты -4, дыууæ та Ачъарайы. 2020 азы 26 февралæй абоны онг, нын æмтгæй райсгæйæ, ис 215 леталон цау.
Абон рабæрæггонд инфицирады 1872 цауæй Тбилисæй уыд -913, Ачъарайы-296, Имереты -337, Квемо Картли -89, Шида Картли -54, Гуриайы -32, Самегрело-Уæллаг Сванеты – 90, Кахеты -13, Мцхета-Мтианеты -30, Самцхе-Джавахеты -11, Рачъа-Лечхум æмæ Дæллаг Сванеты -7», – фехъусын кодтат Бердиа Сичъинава.