Коронавирусæй фæмардуæвæг 20-æм пациент у 60 аздзыд сылгоймаг Абхазæй, кæцыйæн хос кодтой Кутаисы иуæй-иу клиникæйы
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон диреткор Марина Эзугбаиайы фидиуæнæй, коронавирусæй фæмардуæвæг 20-æм пациекнт у 60 аздзыд кары сылгоймаг.
Эзугбаиайы дзырдæй, зæгъгæ уыйы оккупацигонд Абхазæй Гуырдзыстоны централон хицауады контролгонд территоримæ ноджы æртæ æндæр пациентимæ иумæ æрластой æмæ йын хос кодтой Кутаисы иуæй-иу клиникæйы. Марина Эзугбаиайы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, пациент рынчын уыд æндæр низтæй дæр.
«Амард ноджы иу пациент æмæ афтæмæй фæмардуæвджыты нымæц ссис 20. Ацы пациент у Абхазæй æрласгæ. Уыйимæ иумæ ма, ноджы æртæ пациенты æрластой, æдæппæт цыппар критикон уæззау пациенты. Хъыгагæн 60 аздзыд сылгоймаг уавæр нал фæхуыздæр ис æмæ йæ фервæзын кæнын нал бантыстис», – банысан кодта Марина Эзугбаиа.