Конституцион ивдтыты   æппæтадæмон   каст  абон Тбилисы  фæуыдзæн
Конституцион ивдтыты æппæтадæмон каст абон Тбилисы фæуыдзæн

Конституцион ивдтыты   æппæтадæмон   каст  абон Тбилисы  фæуыдзæн.   Конституцийы  ивдтыты  фæдыл информацийы,   æмбæстæгтæн,  хицауады,  оппозицийы  æмæ  æнæхицауадон секторы минæвæрттæ  базонын кæндзысты.

Æппæтадæмон касты  фæдылдзог процесс  фæстæмæ парламентмæ æрыздæхдзæн. Конституцион  ивдтыты æркæсдзæн  юридикъон фарстаты  комитет, цæй фæстæ дæр,  бæстæйы  бæрзонддæр  закъонмæ  бахæссинаг  ивдтыты,  пленарон  рабадтыл,  халæппæрстмæ рахæсдзысты.

Æркæсынмæ хаст сты   ивдтыты  дыууæ проекты.  Иу  хицаугæнæг партийы   депутатты инициргонд  у, æрмæст  дыккаг  – инициативон  къорды, кæцы  Гуырдзыстоны 300 000  æмбæстагы  къухæвæрд  æрымбырд кодта.

Парламентон фылдæрты  æрцæттæгонд  ивдтытæ  2020  азы  парламентон æвзæрстытæ  ауадзын пропорцион  системæйæ  нулы  йас   барьеры  уавæртæ дарынц  сæ хъуыдыйы.  Оппозицион   партиты  хай  та,  нæ разы  кæнынц  æвзæрстыты  æнæбареьрæй  ауадзынимæ.  Фæлæ æнæкæсгæ  уымæ, парламентон  оппозици  закъонопроектæн  йæ  фарс  уæддæр рахæцдзæн.

Ноджы иу  æнæразы   фарста æххæссы  æвзарæнон   блокътæм.  Хицаугæнæг   балы   проект  æвзæрстытæ агъоммæ   иухаттонæй блокъты саразын нæ уадзы.

Æнæкæсгæ  хъуыдыты хъауджыдæрдзинадмæ, оппозицион  спектр,  æххæстæй  йæ фарс хæцы конституцион  ивдтытæн.