Конституцийы публикон информацийы фæдыл статья проектиргонд уыдзæн
Фракци «Гуырдзийаг бæллиц»-ы сæрдар Мамука Мдинарадзейы расидæнмæ гæсгæ, юстицийы министрады хъуыдиат уыцы номхуындæй нæ уыдзæн ист, кæцы уыдон бавдыстой.
Мдинарадзе журналисттæн расидтис, цæмæй фарстайыл консультацитæ хицаугæнæг къорд æмæ юстицийы министрады бæрнонты æхсæн сырæзт.
«Конкретон деталтыл парламенты сæрдар юридион фарстаты комитеты рабадтыл фæныхас кæндзæн. Мах райсдзыстæм ахæм статья, кæцыйы нæдæр хицауады æмæ нæдæр æмбьæстæгты бартæ нæ уыдзысты хæлд» – расидтис Мдинарадзе.
Юстицийы министрад Конституцийы 18-æм статьяйы коректирдзинад куры. Кæцы публикон информацийы райстмæ хауы.
Ныхас цæуы конституцийы конфиденциалон информацийы фыстыты арæзтыл.