Конституцийы ног редакцимæ бахæссинаг ивдтыты æркæсдзысты парламенты юридикъон фарстыты комитеты
Гуырдзыстоны конституцийы ног редакцимæ бахæссинаг ивдтыты абон æртыккаг кастæй, парламенты юридион фарстыты комитет æрксдзæн. Конституцийы ног редакцийы ивдтытæ дыууæ кастæй ист æрцыдсты.
Ивындзинад бацæудзæн ногист конституцийы 18-æм статимæ, кæцы æххæссы, хицауадон информаци æнонвадат скæнынмæ.
Афтæма, ног версимæ гæсгæйæ, æнæрайуæрст парламентон мандатты, фæдфæдонæй хуыздæр фæстиуæг кæмæн ис, уыцы политикъон праттитæ райсдзысты. Фæдылдзог парламентон æвзæрстыты хайад райсыны фадат, политикон партитæй уæлдай лæвæрд æрцæудзæн æвзарæн блокътæн дæр.
Проект ивдтыты бахæссын йæ хъуыдыйы дары президенты сывзарыны фæткимæ баст 50-æм статийы дæр,ф æлæ ацы цауы дзырдæуы æрмæстдæр терминологион ивдыл. Термин «Хмосани» ( хъæлæсгæнаг) ивд цæуы « Æвзæрстгæнæг коллегийы уæнгæй».
Развæлгъау информацийæ, ивдтыты проекты парламент 21 марты пленарон рабадтыл сбæлвырд кæндзæн.