Конгрессмен Уильям Киттинг - Гуырдзыстон Уæрæсейы агрессийы раззаг хаххыл Украинаимæ иумæ лæууы, уый тыххæй дæр æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй АИШ-æ йæ фарс рахæца Гуырдзыстонæн
Абон Гуырдзыстон Уæрæсейы агрессийы раззаг хаххыл Украинаимæ иумæ лæууы, уый тыххæй дæр æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй АИШ-æ йæ фарс рахæца Гуырдзыстонæн, цæмæй уый йæ ныхмæ слæууа Уæрæсейæн – уый фæдыл Массачусетсы штаты Конгрессмен, Уильям Киттинг АИШ_ы минæвæртты палатæйы Гуырдзыстонæн фарсхæцæг дыууæпартион акты кæсыны рæстæджы райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ зæгъгæ Гуырдзыстон АИШ-имæ партнерадæн дæргъвæтин æмæ фæстиуæгджын историй ис æмæ уый у регионы сæйраг хъазæг.
«Уый регионы у сæйраг хъазæг. Хъыгагæн Гуырдзыстон Дунейы хъусдарды центры драматон фæзындты тыххæй фæцис; Уæрæсе бабырста Гуырдзыстонмæ æмæ ацы бæстæйы территоритæ оккупаци скодта. Ацы рæстæгæй райдайгæйæ Уæрæсе дарддæр кæны Гуырдзыстоны регионты Абхаз æмæ Хуссар ирыстоны оккупаци.
Абон Гуырдзыстон лæууы Уæрæсейы агрессийы раззаг хаххыл Украинаимæ иумæ, уый тыххæй дæр æнæмæнгхъæугæ у цæмæй АИШ-æ йæ фарс рахæца Гуырдзыстонæн, цæмæй уый сфæраза Уæрæсейæн йæ ныхмæ лæууын – куыд оккупацигонд территоритыл гуманитарон ситуаци фæхуыздæр кæныны, афтæ Уæрæсейы дезиннформацион кампанитимæ тохæй, цæмæй Гуырдзыстон адарддæр кæна йæ фæндаг мысанмæ, суа фидар æмæ суверенон демократийæ.
Сæрыстыр дæн йæ фарс рахæцын Гуырдзыстоны демокративон рæзынадæн, суверентетæн, хæдбардзинадæн æмæ территорион æнæхъæндзинадæн. Гуырдызстоны кæддæриддæр уыд хъæддых партнер АИШ-æн æмæ тынг хъал дæн, цæмæй мах ноджы иу хатт æвдисæм Гуырдзыстонæн нæ фарсхæцынад ацы закъонæй» – райхъусын кодта Массачусетсы штаты конгрессмен.