Конгрессмен Джон Катко - Гуырдзыстоны территорийы оккупаци, нæ демокративон æмцæдисонтимæ парнерад æнæмæнгхъæугæ кæй у, уый зæрдыл æфтауæн у
Гуырдзыстоны территорийы оккупаци у, нæ демокративон æмцæдисонтимæ партнерады æнæмæнгхъæуындзинады зæрдыл æфтауын – уый фæдыл америкаг конгрессмен Джон Катко социалон хызаг «Твиттеры» Гуырдзыстон-Уæрæсейы хæсты 12 азы сæрмæ гæсгæ ныффыста.
«Республикаг» Конгрессменты фидиуæнæй, АИШ-ы бирæ æмцæдисон знаг бæстæтимæ тохы баст сты АИШ-ы æххуысыл.
Джон Катко афтæдæр банысан кодта, цæмæй Уæрæсе бабырста æнæрмæст хæсты быдыры, фæлæ ма кибер-тыгъдады æмæ балæбурдта критикон инфраструктурæмæ, кæцы нысаниуæгджынæй фæкуылымпы кодта Гуырдзыстоны дзуапп.
Америкаг конгрессмен Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн æххæст æххуыс сиды.
«Ацы къуырийы уыдзæн Гуырдзыстонмæ Уæрæсейы бырсты 12 азы сæр. Гуырдзыстоны территорийы оккупацийы æмæ дарддæр анекси у нæ демокративон æмцæдисонтимæ партнерады æнæмæнгхъæуындзинады зæрдыл æфтауæн. АИШ-ы бирæ æмцæдисон, знаг бæстæтимæ тохы баст сты АИШ-ы æххуысыл. Мах хъуамæ бакой кæнæм дунейæн суверенитетæн кад кæнын кæй хъæуы уый, уымæн æмæ уый у æнæмæнгхъæугæ, уымæн æмæ агрессивон архæйдтæ æмæ оккупаци дунейы дарддæр кæны. Уæрæсе бабырста æнæрмæст хæсты быдыры, фæлæ ма кибер-тыгъдады æмæ балæбурдта критикон инфраструктурæмæ, кæцы нысаниуæгджынæй фæкуылымпы кодта Гуырдзыстоны дзуапп. Уый тыххæй цæмй мах бæлвырд кæнæм нæ хæсист Гуырдзыстоны раз, нæ æмцæдисонты цæттæдзинад фæтыхджындæр кæныны фæрцы, афтæма фокусиргонд уыдзыстæм ахæм бырстытæ маруадзыныл» – фыссы республикаг конгрессмен Джон Катко.