Конгрессмен Алекс Муни -  фæнды нæ равдисæм  фарсхæцын  æмæ раарфæ кæнын Гуырдзыстонæн, АИШ-имæ диссаджы  ахастыты тыххæй
Конгрессмен Алекс Муни - фæнды нæ равдисæм фарсхæцын æмæ раарфæ кæнын Гуырдзыстонæн, АИШ-имæ диссаджы ахастыты тыххæй

 

Америкаг  конгрессментæ  Гуырдзыстоны  фембæлдтæ абонæй райдайдзысты.  Фембæлдты  размæ  конгрессментæ  Гуырдзыстонмæ  визиты нысаниуæгыл  фæныхас кодтой.

Америкаг конгрессмен Алекс  Мунийы  фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстон   размæ  фæцæуы  æвзæрстыты æмæ  демократон  хицауады  формирдзинады æрдæм.  Афтæ  йæ ныхæстæм  гæсгæйæ,  Гуырдзыстон  зæгъгæ у  АИШ-ы  æмцæдисон  бæстæ,  кæцыййæн тынг бæрзонд аргъ кæнынц.

«Дыууæ азы размæ  дæр уыдтæн   Гуырдзыстоны, мæ  коллегæтимæ  ныхасы рæстæджы  банысан  кодтон, цæмæй   райгонд дæн  мæ  визитæй,    равдыстон   АИШ-ы   фарсхæцын  Гуырдзыстонæн.   Гуырдзыстон  размæ  фæцæуы   æвзæрстыты æмæ  демократон   хицуады формирдзинады æрдæм.  Гуырдзыстон у АИШ-ы æмцæдисон  бæстæ æмæ   уымæн  тынг бæрзонд аргъ кæнæм.  Мæты æфтыд  стæм  Уæрæсейы  агрессивон  архæйдтæй, кæцыйы  уый  æххæст кæны  Гуырдзыстоны  ныхмæ.   Фæнды нæ   равдисæм нæ фарсхæцын   уæ бæстæйæн  æмæ    раарфæ кæнын Гуырдзыстонæн  диссаджы  ахастыты  тыххæй АИШ-имæ», –   хъусын кæны   Алекс Муни.

Гуырдзыстоны  визитæй  уæвæг  ноджы иу  Конгрессмен  Керол Миллер  банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстоны суверенитетæн æххуыс сбæлвырд  кæнын нысаниуæгджын у зæгъгæ,  афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты  плангонд фембæлдтыл  дыууæ бæстæйы æхсæн ахастытыл ныхас  кæндзæн.

«Тынг ахсызгон мын у  ацы диссаджы аив бæстæйы  кæй  дæн.   АИШ-æн   иттæг нысаниуæгджын у, равдиса  йæ  фарсхæцын  дунейы  ацы хайы  уæвæг демократон   паддзахадæн.  Гуырдзыстоны  рагæй у  АИШ-ы  партнер бæстæ. Нысаниуæгджын у  сбæлвырд уын кæнæм  нæ  фарсхæцын  Гуырдзыстоны  суверенитетæн, нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсын,  цæмæй  Гуырдзыстоны  фембæлдты рæстæджы   фæныхас кæнон   дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг    ахастытыл æндæр æмæ æндæр  æрдгæй,  уый  нымæцы базарады  сферæйы дæр», –   райхъусын кодта  Кэрол Миллер.

«Гуырдзыстон æмæ  АИШ-ы  æхсæн ахастытæ  иттæг нысаниуæджын сты, уый ынмæцы  ахæм къабазы, цахæмдæр у базарад.  Дунейы ацы  хайы   сæрмагондæй  бирæ  фæзынд  куы парахат кæны,  уый  фоныл,  нысаниуæгджын у ахæм бæстæйы партнерад, цахæмдæр у Гуырдзыстон. Мах æмкуыст кæнæм  терроризмимæ  тохы æрдгæй, афтæма  цæгат-атлантикон  тырнандты æрдгæй.   Хъуамæ банысанæуа Уæрæсейы архæйдтытæ дæр, кæцыты  тæфаг хæццæ   кæны Гуырдзыстонмæ», –   райхъусын кодта Рональд Эстес.

Гуырдзыстонмæ  визиты  нысаниуæгджыныл нымайы   Конгрессы  делегацийы ноджы иу уæнг, Келли  Армстронг. Йæ  ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ визит  дзæбæх фадат у, цæмæй æрзонгæ уа  Гуырдзыстоны хицауады  куыстимæ.

«Ацы визит  диссаджы  фадат у, цæмæй  æрзонгæ  уон  Гуырдзыстоны  хицауады  куыстимæ, Гуырдзыстон фæстаг 20  азы  дæргъы нысаниуæгджын прогрессмæ æрцыд  бизнесклиматы  фæхуыздæры æрдгæй. Тынг  цымидис кæнын  ацы æрдæм куыд кусы   хицауад æмæ райгонд  дæн, Гуырдзыстонмæ кæй æрцыдтæн уымæй», – банысан кодта Келли Армстронг.

Делегацийы  сконды уæвæг  ноджы  иу  конгрессмен  Брайан  Стилы  дзырдæй, визиты  фæлгæтты плангонд фембæлдтыл  базарады  æмæ  экономикæйы  æрдгæй  уæвæг  æндæр æмæ æндæр фарстæтæ  æркæсдзысты.

«Тынг райгонд дæн Гуырдзыстонмæ  кæй  æрцыдтæн уымæй.   Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн ис диссаджы  ахастытæ, фембæлдтыл æркæсдзыстæм  базарады æмæ  экономикæйы  æрдгæй  уæвæг  æндæр æмæ  æндæр фарстæтæ», –   хъусын кæны  Брайан Стил.

Гуырдзыстонмæ фæуазæг ис  АИШ-ы конгрессменты  делегаци.  Конгрессментæн фысым кæны Гуырдзыстоны   премьер-министр Ираклий Гъарибашвили.

Визиты фæлгæтты  делегаци фембæдзæнис  Гуырдзыстоны хицауады минæвæрттимæ, премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ, вице-премьер  æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр  Джуаншер  Бурчъуладзеимæ æмæ  экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынаты  министр Натиа Турнаваимæ.  Афтæма   уыдзæн фембæлд  Гуырдзыстоны парламенты. Визиты фæлгæтты  конгрессментæ сæ  цæст ахæсдзысты оккупацион хаххыл.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Гуырдзыстонмæ  визитæй  уæвæг  конгрессментæ  АИШ-ы Конгрессы  минæвæртты  палатæйы  инициргонд  «Гуырдзыстонæн æххуысы  акты» æмспонсортæ сты. Фæембæлдты  рæстæджы   сæйраг æркæсинаг темæтæ   уыдзæн  дыууæ бæстæйы æхсæн   стратегион æмгуыстад  æмæ  æдасдзинад. делегацийы  сконды сты  конгрессментæ  Алекс Ксавьер  Муни (Ныгуылæн Вирджини), Брайан  Джордж Стил (Висконсин), Келли  Майкл  Армстронг (Цæгат Дакота), Кэрол  Девин  Миллер (Ныгуылæн Вирджини) æмæ  Рональд  Джин  Эстес (Канзас).

АИШ-ы Конгрессы  делегацийы визит  9 сентябрмæ аххæсдзæн.