Конгресмен Ренди Уебер Гиоргий Гахариамæ фыстæгæй басидтис
Конгресмен Ренди Уебер Гиоргий Гахариамæ фыстæгæй басидтис

Конгресмен Ренди Уебер Гиоргий Гахариамæ фыстæгæй басидтис

Техасы штаты конгрессмен, Ренди Уебер, Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Гахариамæ фыстæгæй басидтис.

Америкаг конгрессмен Гуырдызстоны хицауады сæрдармæ æрвыст æрвыстаг Твиттеры парахат кæны.

«Тыхстдзинад сидын рæзгæ дыууæпартион хъуыдыйы фæдыл, кæцы  АИШ-ы конгрессментæ расидтысты Гуырдызстоны демокартион процессы фæкъуылымпыйы фæдыл æмæ экономикон размæцыд. АИШ Гуырдзыстоны стратегион партнер у, афтæ дæр хъуымæ нæ зæрдыл дарæм нысаниуæгджын æппæтдунеон æххуыс, кæцы АИШ Гуырдызстонæн дæтты. Хъуыды кæнын, цæмæй хъуамæ сиу уон мæ коллегатимæ, кæцытæ фæстаг рæстæджы фыссынц сымахмæ фыстæджытæ. Тыхстдзинад сидын, Гуырдызстоны хицауады æрдыгæй нæйы загъды фæдыл демокартион реформæтыл, афтæ дæр сабырадон демонстрациты ныхмæ тыхмийы пайдайы фæдыл æмæ политикон опопоненты медиа-фæрæзтæй, æппæтдунеон æмæ америкаг конгрессменты æмæ гражданон æхсæнады æрылхъывды фæдыл», -ис фыст фыстæгы.

Конгрессмены ныхасмæ гæсгæ, уый фарон йæ фарсыл рахæцыд бæрнонады палатайы ист Гуырдызстоны фарсылхæцæн актæн, кæцы йæ зæрдыл дары Гуырдызстоны суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсылхæцындзинад Уæрæсейы фидæн агрессийы фоныл.

«Нысаниуæгджын у банысан кæнæм, цæмæй Гуырдызстоны фарсылхæцæн акт нæ дары йæ зæрдыл АИШ-ы фарсылхæцындзинад уыцы хицауадæн, кæцы йæ ныхмæ цæуы демокартион аргъдзинæдтæн, се æхсæн сæрибар æмæ рæстадон æвзæрстытæн, гражданон секторы гомдзинад æмæ бæрнæн, законы уæллагдзинад æмæ антикоррупцион куыстæн», – фыссы Уебер.

Йæ расидæнмæ гæсгæ, статистикайы æрбадæттæгтæм гæсгæ, 2017-æм азæй комкоммæ фæсарæйнаг инвестициты нымæц Гуырдзыстонмæ 50% фæкъаддæр ис.

Гуырдызстон у АИШ-ы нысаниуæгджын партнер, ныфс дарæм, цæмæй æрдхордты гом диалогы фидæн азты æмахастытæ фæтыхджын кæндзæн. Ацы контексты, афтæ дæр ныфс дарын, цæмæй уæ хицауад ссардзæн фæндаг, цæмæй америкаг компаниты ныхмæ архайдтытæ фæурома, баххуыс кæндзæн Америкайæ комкоммæ æрвыст инвестициты реализацийæн», – фыссы конгорессмен.