Конгресмен Брайан Бабин Гиоргий Гахариамæ фыстæгæй басидтис
Америкаг конгрессмен Брайан Бабин Гуырдызстоны премьер-минстр Гиоргий Гахариамæ фыстæгæй басидтис. Уый афтæ дæр йæ коллегатæм гæсгæ тыхстдзинад сиды ныфсæвæрд демокартион реформæтыл нæйы расидт æмæ сабырадон демонстрантты ныхмæ тыхы спайдайы фæдыл.
“Ацы тенденциты фæстиуæг, Гуырдызстоны комкоммæ фæсарæйнаг инвестициты нымæц фæкъаддæр ис, уымæн æмæ АИШ æмæ Европайы бизнес интерестæ Гуырдызстоны æрылхъывды, контрактты санулиры цаутæ фæарæх сты. Уый æвдисæгг у конкретон факт газ æмæ нафтийы комапни Хюстонæй “Фронтера ресурсы”. Афтæ дæр тыхстдзинад расидтис америкаг компани “Фейсбук” чысыл рæстæджы размæ куы расидтис Гуырдызстоны хицауадимæ æмæ хицаугæнæг партиимæ баст уæрæх хыз, кæцы æнæзаконон куыст æхæхст кодта, кæцыйы сæйраг нысан дæр уыд опозицион змæлды фæлæмæгъ æмæ антиныгуылæн пропагандæ” – фыссы конгресмен æмæ даргъ кæны.
“Снысангонд негативон тенденциты аххосагæй æмæ ивæндзинæдты фæактовоны бахъавдæй, санкциты бакаст æмæ æндæр ивары снысаны æркуырдтæ ноджы хъæрæй хъуысынц. æз сæ фарсмæ лæууын мæ коллегатæн, кæцытæ курынц æмæ бындур нывæрдтой “Гуырдызстоны рæстадон бизнес практикæйы снкциты актæн”. Акт у АИШ-ы бæрнонады палатæйы æвдыст.
æз ныфс дарын, цæмæй Гуырдызстон фидæн аз уыдзæн АИШ-ы стратегион партнер, самайдзæн демокартион институттæ æмæ сæрибар базары экономикæ, кæцыйы бындур уыдзæн “сæрибар æмæ рæстадон æвзæрстытæ, гражданон секторы гомдзинад æмæ законы уæллагдзинад.