Конгресмен Адам Кинзингер – Гуырдзыстон æмæ Украинайы суверинитеты бахъахъхъæд европон æмæ америкаг интерестæн нысаниуæгджын у
Конгресмен Адам Кинзингер – Гуырдзыстон æмæ Украинайы суверинитеты бахъахъхъæд европон æмæ америкаг интерестæн нысаниуæгджын у
АИШ-ы бæрнонады палатайы сырæзт æттаг æмахастыты комитеты европайы комитетты байхъуыст темайыл – «Демократийы хæлд: Кремлы политикон ахадындзинады инструменттæ».
Байхъуыстмæ хуынд æрцыдысты дипломати æмæ глобалон бастдзинады Пен Байдены центры хистæр директор Майкл Карпентер, АИШ-ы гермайнаг маршалы фонды сæрдар иртасæг æмæ демокартийы альянсы сæрдар Лаура Розенберг, стратегион æмæ æппæтдунеон бацахуыры центры Европайы программайы сæрдар Хизер Конлей, афтæ дæр Европон политикайы анализы центры президент Питер Доран.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, байхъуыстыл уæвæг уазджытæ æмæ конгресментæ тыхсдзинад расидтысты Уæрæсейы агрессивон архайдтыты фæдыл, се хсæн сыхæгты Гуырдзыстоны æмæ Украинайы территориты окупацийы фæдыл. Бахахх кодтой Уæрæсейы агрессивон архайдыдтыл, се хсæн территориты окупаци, пропагандæ, демократион институтты ныхмæ архайдтытæ – фæсарæны æвзæрстыты хайад ист.