Конгойы «Эбола»-йы тæвднизы фæстиуæгæн 200-ы онг адæймаг фæмард. Информацийы хæлиу кæны бæстæйы æнæнизхъахъхъæды министрад. Сæ хъусинагæй тæсаг вирусæй инфициргонды нымæц 326-мæ æххæссы.
Сæрмагондæй уæззау уавæр ис Цæгат Кивуйы провинцийы æмæ Итаурийы регионы.
«»Иунæг æндæр эпидемий дæр нæ уыдис афтæ уæззау, куыд эбола, кæцыимæ абон тох кæнæм»- райхъусын кодта КОнгойы Демокративон Республикæйы æнæнизхъахъхæды министр.
Эболайы фыццаг эпидеми бæстæйы 1976 –æм азы сфиксир ис. Вирус Африкæйы континентыл ногæй 2015-æм азы ахæлиу ис. Ацы фæстаг эпидемийы рæстæджы Эболайы фæстиуæгæн 11 минæй фылдæр адæймаг амард.