Коба Гвенетадзе – банкъы æддæ финансон секторы регулиркæнынад
Коба Гвенетадзе – банкъы æддæ финансон секторы регулиркæнынад

Парламенты дзырдæй ралæуды рæстæджы  Гуырдзыстоны Националон Банчы  президент  Коба Гвенетадзе  хцæ æвæрд кæмæн уыд уыцы зианбаййафджыты   темæйы  кой ракодта.  Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  хъуамæ райдайа  банкъы æддæ финансон секторы  регулир кæнынад.

«Æнæбанкъ  финансон секторы æрдæм мын мæ ахаст  у уый, æмæ  хъуамæ райдайæм   ацы секторы  регулир кæнын, уымæн æмæ  ис  уый бындур, цæмæй ист æрцæуой конкретон мадзæлттæ ацы æрдгæй.   Уый тыххæй  дæр Националон Банкъ бакуыста  ахаст, куыд  хъуамæ  æрбиноныг кæна ацы темæ.  Лæвæрд пакеты  парламентмæ бавдыстам   зæрдæвæрæны мæйы.  Афтæ  банымадтам, цæмæй æнæбанкъ финансон секторы  регулир кæнын райдайæм абаргæйæ рог  мадзæлттæй.   Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  уымæй фæкъаддæр уыдзæн уыцы проблемæтæ, кæцытæ  ацы секторы ис абон» –   банысан кодта  Коба Гвенетадзе.