Клиникæ «ТИМ»-ы  дохтырæн фæбæрæг ис коронавирус, рынчындон  дыууæ къуырийæ  æрыхгæдтой
Клиникæ «ТИМ»-ы дохтырæн фæбæрæг ис коронавирус, рынчындон дыууæ къуырийæ æрыхгæдтой

Клиникæ  «ТИМ»-ы  дохтырæн   фæбæрæг ис  коронавирусы инфекци.  Уымæн  гуырысхойаг  симптомтæ  фæстаг цалдæр  боны дæргъы  уыд.

Клиникæйы директоры  Гиорги Къачъахидзейы   информацийæ,  медперсонал,  кæмæндæриддæр уыд  контакт фæрынчынуæвæг  дохтыримæ,   дыууæкъуырион    карантин рацæудзысты . Фæнысангонды  тххæй,  изоляцийы  уæвы  йæхæдæг клиникæйы директор дæр.

Клиникæйы  уæвæг пациентты тыххæй куы зæгъæм, уыдонæн  сæ иу  хайы,  кæцыты  æнæниздзинады  уавæр  зæрдæмæдзæугæ  уыд,  аргъæвдтой карантины   уатмæ. Æрмæст  иннæ  цалдæр пациент, та   сты  клиникæйы æмæ  уыдонимæ кусынц   уыцы  дохтыртæ,  кæытæн инфициргонд  дохтыримæ контакт нæ  уыд.