Китайы премьер Ли Кецян  Ираклий Гъарибашвили  æмæ гуырдзиаг адæмæн арфæ кæны  Китай-Гуырдзыстоны дипломатон ахастыты 30-æм азы сæр
Китайы премьер Ли Кецян Ираклий Гъарибашвили æмæ гуырдзиаг адæмæн арфæ кæны Китай-Гуырдзыстоны дипломатон ахастыты 30-æм азы сæр

Китайы Адæмон Республикæйы  паддзахадон  советы премьер  Ли Кецян   Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвилийы æмæ гуырдзиаг адæмæн Китайы Адæмон Республикæ æмæ  Гуырдзыстоны æхсæн дипломатон ахастыты  сфидар кæныны  30-æм азы сæр арфæ кæны.

Ли Кецяны  дзырдæй,  зæгъгæ дипломатон  цæдисты  сфидар кæныны фæстæ 30  азы дæргъы  Китай-Гуырдзыстоны ахастытæ  фидар æмæ стабилонæй   рæзынц.

«Дипломатон цæдистæ сфидар кæныны фæстæ  ацы  30  азы  дæргъы  Китай-Гуырдзыстоны фидар æмæ стабилонæй   рæзынц, политикон  æууæнк  фарсыты æхсæн  рæзы, æндæр æмæ æндæр сферæты рахатинаг у прагматон   æмгуыстады  размæцыд, æмбæстæгты æхсæн ахастытæ  æмæ культурон   баивд  парахат кæны.

Мæ фæндон у сымахимæ æмкуыст кæнын  æмæ  не хсæн   дипломатон  ахастыты  30-æм  азы сæрæй спайда кæнын, куыд æндæр æмæ æндæр  сферæйы нæ   кæрæдзийæн пайдаджын  æмкуыстады  дарддæры  фæарфдæр кæнын, афтæма  нæ   бæстæты æмæ нациты  фарнæн Китай-Гуырдзыстоны  ахастыты  æмæ хæлардзинады коннотацийы  ауæрæх кæнын», – дзырдæуы  фыстæджы.