Китайы минæварад АИШ-ы – Кæд æмæ АИШ-ы фæнды хæст, фæнды тарифон, базарадон æви æндæр хуызы хæст, мах цæттæ стæм кæронмæ тох кæнынмæ
Китайы минæварад АИШ-ы – Кæд æмæ АИШ-ы фæнды хæст, фæнды тарифон, базарадон æви æндæр хуызы хæст, мах цæттæ стæм кæронмæ тох кæнынмæ

«Кæд æмæ хæст у АИШ-ы фæндон, фæнды тарифон, базарадон æви æндæр хуызы хæст, уæд мах цæттæ стæм кæронмæ тох кæнынмæ», – ис фыст АИШ-ы Китайы минæварады расидæны социалон медийы.

ВВС фыссы, цæмæй Китайы минæварад ахæм расидæн уый фæстæ сарæзта, Пекин президент Дональд Трампы базарадон тарифтæн æфхæрæн мадзæлттæй дзуапп куы радта.

«Кæд æмæ хæст у АИШ-ы фæндон, фæнды тарифон хæст, фæнды базарадон хæст, фæнды æндæр хуызы хæст, уæд мах цæттæ стæм кæронмæ тох кæнынмæ», – фыссынц Китайы минæварады.

Раздæр Китай расидтис, цæмæй 2025 азы хъахъæнынады хардзтæ 7,2% фæфылдæр кæнын план кæны, 1,78 триллион юаны онг, кæцы 231 миллиард евройы бæрц у.

Бæрæгдзырдæн, Китай дæр 2024 азы йæ æфсæддон хардзтæ фæфылдæр кодта 7,2%.

АИШ-ы фæстæ Китайæн ис дунейы сеппæтæй стырдæр хъахъхъæнынады бюджет.