Китайы Коммунистон Партийы централон комитет Си Дзинпины  партийы  генералон нымæрдарæй æртыккаг æмгъуыдæй  снысан ис
Китайы Коммунистон Партийы централон комитет Си Дзинпины партийы генералон нымæрдарæй æртыккаг æмгъуыдæй снысан ис

Китайы  Коммунистон партийы  централон комитет  СИ Дзинпины  партийы  генералон  нымæрдарæй  æртыккаг æмгъуыдæй  сфидар кодта.  Партийы  æмбырдыл   Си Дзинпин  бавдыста  партийы   иудадзыгархайæг  комитеты  авд уæнг.

Дзырдæй ралæуды рæстæджы СИ Дзинпин партийы   æмбырдыл  æнтыстджынæй  схуыдта. Уый ма  афтæдæр  банысан кодта,  цæмæй   æхсæнадæмон   дзыллæ  стыр интересæй  дартта  цæст  æмбырды цыдмæ.

Китайы  лидеры фидиуæнæй, бæстæ баххæссыд   йæ нысанмæ – рæстæмбис  фармæ.

«Ныр  мах  æнæцудгæйæ  фæцæуæм   фæндагыл, кæцы Китайы  скæндзæн нырыккон социалистон бæстæйæ», – банысан кодта уый.  СИ Дзинпины  дзырдæй, зæгъгæ Китай нæ райрæздзæнис  æнæ Дуне æмæ Дунейы  афтæдæр хъæуы  Китай.

«40 азæй фылдæр рæстæджы  дæргъы  реформæты æмæ  æргомдзинады тыххæй  нæфæллайгæ  тыхархайды  фæстæ,  ма  сарызтам дыууæ диссаг –  цырд экономикон   райрæзт æмæ  дæргъвæтин  социалистон  стабилондзинад», –  банысан кодта СИ Дзинпин.

69 аздзыд Си Дзинпин  Китайы лидер у 2012 азæй.