Китайы базарады министры хæдивæг - Гуырдзыстон, Зæлдаг Фæндаджы форумы ахсджиаг партнер у
Китайы  базарады министры  хæдивæг -  Гуырдзыстон, Зæлдаг Фæндаджы форумы  ахсджиаг партнер у

«Гуырдзыстон фыццаг бæстæ у, кæцы Зæлдаг Фæндаджы  форумы инициативæйæн дæтты  дзуапп æмæ  у ахсджиаг партнер» – расидтис Китайы  базарады  министры хæдивæг  Цхянь Ке Мин, Тбилисы  цæугæ   «Зæлдаг Фæндаджы»  форумыл  дзырдæй ралæуды раæстæджы.

Китайы базарады  министры хæдивæг, Гуырдзыстон æмæ Китайы  æхсæн  экономикон  æмгуыстады  рапарахаты перспективæйыл  фæныхас кодта.

Китайы  базарады  министры  хæдивæгы Цзянь Ке Мины  фидиуæнæй,   Зæлдаг Фæндаджы   инициативæ,   ног  этапмæ ахызт, кæцы  фидæнмæ  ноджы ног перспективæтæ æвзæрын кæны.  Цзянь Ке Мин Зæлдаг фæндаджы  нысаниуæгыл фæныхас кодта æмæ  бахахх кодта   экономикон роны  саразыны  инициативæ,   кæцыйæн йæ нысан у бæстæты  æхсæн координаци,  бастдзинады фæарфдæр кæнын  æмæ финансон интеграци.