Китай 420 мин доллары аргъы, коронавирусы раргомгæнæг цырд тесттæ, Гуырдзыстонæн балæвар кæндзæн
Китайы Гуырдзыстоны минæварады хъусинагæй, Китайы Адæмон Республикæйы Гуырдзыстоны минæварады æмæ Сычуаны провинцийы хицауады æхсæн къуындæг æмгуыстады фæстиуæгæн, китайаг фарс ахицæн кодта, хъæугæ ифтонггæрзтæй, 420 мин Аиш доллары бæрц аргъы коронавирусы æмæ æндæр респираторон вирусты раргомгæнæг 1 000 иуæг цырд тесты Гуырдзыстонæн æнæфидгæйæ раттын.
«Гуырдзыстоны минæварад арфæгæнæг у Сычуаны провинцийы хицауадæн æххуысы тыххæй. Фæнысангонд факт ноджы иу хатт бæлвырд кæны Гуырдзыстон æмæ Китайы Адæмон Республикæйы æхсæн архайæг фидар хæларон æмæ партнерон ахастытæ кæй ис уый» – банысангонд у Китайы Гуырдзыстоны минæварады веб-фарсыл «Фейсбукы».