Киев-Печеры Лаврæйы Мады Майрæмы номыл аргъуан æмæ  трапезон  аргъуан Украинайы падзахадмæ  официалонæй æрыздæхт
Киев-Печеры Лаврæйы Мады Майрæмы номыл аргъуан æмæ трапезон аргъуан Украинайы падзахадмæ официалонæй æрыздæхт

Киев-Печеры Лаврæйы Мады Майрæмы номыл аргъуан æмæ  трапезон  аргъуан Украинайы  падзахады  сæрмæмулкмæ  официалонæй æрыздæхт.

Уый фæдыл  информаци Украинайы культурæйы  министр Александр  Ткаченко  «Телеграммæй»  ахæлиу кодта.

«Комиссийы  куысты фæстиуæгæн,  къухæвæрд уыд   æмбæлгæ акт, кæцы бæстыхæйтты æрыздахын дары  йæ хъуыдыйы.  Уымæ нæкæсгæ  æмæ  комиссийы  фæстаг рабадтыл  митрополит Певелийы  нæ уыдис, цæмæй йæ къух бафыстаит    актыл, уый  ницы барьер  у  паддзахадон сæрмæмулкы æрыхдахынæн.  Украинаг   кувынаккаг хъуамæ лæккад кæна  украинаг адæмæн, ацы принцип фидæны дæр бахъахъхъæндзыстæм», –  фыссы  Ткаченко.

4 январы украинайы рæстдинон аргъуаны пресс-куысты   райхъусын кодтой, цæмæй  митрополит Епифан  7  январы, Цыппурсы,  хуыцаумæ скуывд ауадзын хъавы  Киев-Печеры Лаврæйы  Мады Майрæмы   номыл аргъуаны.