Хуссар-ныгуылæн Африкæйы циклон «Идайы» амæттаг фесты 200-йæ фылдæр адæймаг
Хуссар-Ныгуылæн Африкæйы циклон «Идайы» амæттаг фесты 200-йæ фылдæр адæймаг. Стихий Мозамбикъ, Зимбабве æмæ Малавийыл наццавдта йæхи. Дæсгай адæймаг æвæндаг сæфтыл нымад цæуынц.
«Сырх ДЗуары» бæрæггæнæнтæй, циклон зæгъæн ис æнæхъæнæй скуынæг кодта Мозамбикъы донбыл сахар Бейра. Сахар кæцыйы æрдæг милуан адæймаг цæры, æнæэлектроэнергийæ баззад, зиангонд сты Бейрайы онг бацæуæн фæндæгтæ.
Циклон «Идаи» Бейрайы портыл йæхи ныццавдта хуыцаубоны, уый фæстæ та Зимбабве æмæ Малавийы æрдæм ацыд.
Гуманиатрон организациты бæрæггæнæнтæй шторм, 1,5 милуан адæймагæн æрхаста зиан.
«Сырх Дзуары» информацийæ, Мозамбикъ æмæ Малавийы стихийы амæттаг, иуыл цъус 126 адæймаг ссис, Зимбабвейы та 89 адæймаг фæхъуыд.