Канины, сылгоймæгнты æхсæн 3000 метры шортрек, сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Хуссар Корейаг квартет – Сухэ Шхи, Мин Джонг Чой, Йе Джин Ким æмæ Аланг Кимм (4:07.361). Дыккаг бынат бацахста Италийы къорд (4:15.901). Банысанкæнинаг у уыцы факт, цæмæй ацы дисциплинæйы сыгъзæрин майдан Сочæйы дæр Хуссар Корейæгтæ рамбылдтой.
Æртыккаг бынатыл уыд Китай, цыппæрæмыл та Канадæ. Фæлæ дисквалификацийы тыххæй, сæ майдан иунæг дæр нæ райста.
Уый фæстиуæгæн бронзæ майдантæ райста Голландийы къорд.
Ацы турниры фысымтæ райстой сæ 4-æм сыгъзæрин майдан.
Олимпиадæйы репортажты фенын уæ бон у ам: Фыццаг Къанал / Дыккаг Къанал (æрмæстдæр Гуырдзыстоны территорийыл)