«Хурыскæсæн Партнерады» министериалы фæлгæтты, Илиа Дарчиашвили Нидерландаг  коллегæимæ фембæлдис
«Хурыскæсæн Партнерады» министериалы фæлгæтты, Илиа Дарчиашвили Нидерландаг коллегæимæ фембæлдис

«Хурыскæсæн партнерад»  мнистериалы фæлгæтты Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр илиа Дарчиашвили йæ  нидерландаг  коллегæ, Ханке  Бруинимæ фембæлдис.  Фæнысангонды фæдыл фæсарæн хъуыддæгты министр  социалон хызаджы фыссы.

«Нидерландты фæсарæн хъуыддæгты министр Ханке Бруинс Слотимæ фембæлдыл мын уыд фадат, цæмй  базонын одтаин  информаци  Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл Гуырдзыстоны хицауады тыхархайды фæдыл. Равдыстон ныфс, цæмæй Гуырдзыстонмæ лæвæрд  уыдзæн кандидаты статус, кæцы иттæг нысаниуæгджын у, куыд бæстйы Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл, афтæ æнæхъæнæй регионæн», – фыссы  Дарчиашвили  «Х»-ы  сæрмагонд фарсыл.