Хъуарелы «Гуырдзыстоны Банкы» филиалмæ  бырсæг ахст у
Хъуарелы «Гуырдзыстоны Банкы» филиалмæ бырсæг ахст у

Хъуарелы «Гуырдзыстоны Банкы» филиалмæ  бырсæг ахст у – уый фæдыл  МХМ-ы  стратегион  коммуникациты  депратменты  директор  Кетеван Ковзанашвили   фехъус ын кодта журналисттæн.

Афтæма  йæ информацийæ,   фæдагуырд зæгъгæ райдыдта æртæ статийæ.

«Бæлвырд уын кæнын, цалдæрсахатон  спецопераци  æнтыстджынæй фæцис. МХМ-ы  кусджытæ  нейтрализаци  скодтой æмæ æрцахстой  гоймагы, кæцы  уыдис банкы  æмæ  амынæт скодта уым уæвæг æмбæстæгты.  Амынæты  чи уыд  уыдон иууылдæр  ссæрибар сты, цæ цардмæ тас не ртхъирæн кæны. фæдагуырд цæуы æртæ саттийæ, иннæ  деталты тыххæй  уын фæстæдæр  фехъусын кæндзыстæм» –  банысан кодта Кетеван Ковзанашвили.

Территорийыл нырма дæр сты  æндæр æмæ æндæр хайадты  минæвæрттæ.

Уæвæг информацийæ,  гарзджын  бырсæг банкмæ 16:00 сахатмæ  хæстæг балæбурдта. Æвдисæнты  информацийæ,  маскæджын  бырсæгæн  йæ  къухы  уыдис гранатæ  æмæ йæ скусын кæнынæй  æртхъирæн кодта.  Банкы уæвæг  уæнгты  хай бæстыхайæ  раирфæзтысты, иннæ хай та  бæрæг рæстæджы дæргъы уыдысты  банкы. Фæстæдæр МХМ  сбæлвырд кодта, цæмæй  алы   амынæт  сæрибар сты  æмæ сæ цардмæ  тас неал æртхъирæн кæны. Хæлиу кодта информаци, цæмæй  бырсæг  бæрæг  суммæ  куырдта.