Хорватийы премьер-министр  - Разы стæм  Гуырдзыстоны тырнынадимæ суа  Евроцæдисы æмæ НАТО-йы уæнг
Хорватийы премьер-министр - Разы стæм Гуырдзыстоны тырнынадимæ суа Евроцæдисы æмæ НАТО-йы уæнг

 

Хорвати адарддæр кæндзæн  Гуырдзыстонæн фарсхæцын  реформæты  тыхархайды, евроцæдисы æмæ НАТО-ый уæнгсуæвыны  æрдгæй уый фæдыл   Хорватийы  премьер-министр   Андрей  Пленкович Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ   лæвæрд  иумæйаг   фидиуæнты  рæстæджы  райхъусын кодта.

Хорватийы премьер-министры  фидиуæнæй,   уый  зæгъгæ  разы у  Гуырдзыстонимæ  экономикон  ахастыты  фæактивон кæнынимæ.

«Æхсзыгон у  Хорватийы æрдгæй   Гуырдзыстоны æндæрæ æмæ  æндæр компанийы   куыст.   Компанитæ   архайынц  Гуырдзыстоны базарыл сæ   проекттимæ æмæ æнхъæл стæм,ц æмæй райрæздзæнис   гуырдзиаг компаниты интерес Хорватиймæ экспорты æрдгæй.   Европаг   интеграцийы фæлгæтты бирæ хатт райстам хайад  техникон проектты,  æмкуыст кодтам   æфсымæргонд кæныны   проектты  фæлгæтты, нæ  эксперттæ  Гуырдзыстоны  хицауадмæ  арвыстам   проектты  фæлгæтты.  Афтæма  Гуырдзыстонæй  нæм уыдис  эксперттæ,к æцытæ  Хорватимæ æрцыдысты æмæ  федтой, цавæр у нæ фæлтæрддзинад.  Нæ  фæлтæрддзинад тынг   нæуæг у æмæ  дзæбæх  зонæм, куыд    хъуамæ æрцæуа Евроцæдисимæ гармонизаци,  евродирективæты  рахæссыл  бæстæйы  закъондæттынадмæ», – райхъусын кодта Андрей  Пленкович.

Афтæма йæ  дзырдæй, Ираклий Гъарибашвилийæн  фехъусын кодта  Хорватийы  уæвæг  экономикон   уавæры  фæдыл.

«Хорвати  адарддæр кæндзæн Гуырдзыстонæн фарсдарын  реформæты  тыхархайды, Евроцæдис æмæ НАТО-ы уæнгсуæвыны  амбицийы  æрдгæй.  Спайда кæндзыстæм ацы визитæй, цæмæй фæхуыздæр уа  нæ  экономикон   ахастытæ.  Тынг æхсызгон у  уый  зæгъын, цæмæй  абон Загребы  байгом кæндзыстæм  Хорватийы  Гуырдзыстоны  минæварад. Стыр  бузныг дзурын  уын цытджын премьер-министр  тынг бæрзонд æмвæзады анализы  тыххæй, гуырдзиаг   цæстæнгасимæ  æрзонгæ кæныны  Украина æмæ Сау денджызы   фæдыл,   уæ дискуси тынг лæмбынæг уыд  абон», – райхъусын кодта Хорватийы премьер-министр.