Хицаугæнæг парти фембæлдис паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæджы хæдивæгимæ
АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæджы хæдивæг Эрика Олсонимæ фембæлдыл фæныхас кодтам æвзæрстыты фæстæ айтынггонд конкретон процесстыл, афтæдæр стратегион фарстатылд, кæцы баст сты нæ рекгионимæ, – уый фæдыл райхъусын кодта парламентон фылдæрты лидер Ираклий Къобахидзе.
Къобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ уый Эрика Олсонæн фыццаг визит у Гуырдзыстонмæ æмæ банысан кодта, ома Гуырдзыстонæн зæгъгæ нысаниуæгджын у сæрмагондæй уыйимæ æмкуыст кæнын.
«Уый у фыццаг визит Эрика Олсонæн регионмæ. Уый ма афæтæдæр фæуазæг ис Сомихыстонмæ, Азербайджанмæ, Гуырдзыстонмæ æмæ йæ рард уыдис уыцы уавæр афæлгæсын, кæцы ис регионы. Уый æппæтмæ гæсгæйæ, алкæцы бæстæйы йын уыдис ныхас бæстæйы уæвæг уавæрыл æмæ регионы уæвæг уавæрыл. Уый уыдис йæ визиты нысаниуæг. Алы темæмæ бавнæлдтам æмæ загътам, цæмæй нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны сабырдзинад æмæ цæмæй нын æндæр бонвæтк, уый хъуамæ уа рæзынадыл ориентацигонд бонвæтк. Уый у нæ сæйраг хъуыддаг», – райхъусын кодта Къобахиздзе.