Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, Дыккаг дунеон хæсты хайадисджытæ райсдзысты иухаттон фиддон 2000 ларийы бæрц, Дыккаг дунеон хæсты фæмардуæвджыты бинонты уæнгтæ та райсдзысты 1000 ларийы
Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, Дыккаг дунеон хæсты хайадисджытæ райсдзысты иухаттон фиддон 2000 ларийы бæрц, Дыккаг дунеон хæсты фæмардуæвджыты бинонты уæнгтæ та райсдзысты 1000 ларийы

Гуырдзыстоны хицауады уынаффæйæ, фашизмыл фæуæлахизы 81 азы сæрмæ гæсгæ, Дыккаг дунеон хæсты хайадисджытæ райсдзысты иухаттон æхцайæ социалон æххуыс 2000 ларийы бæрц, Дыккаг дунеон хæсты фæмардуæвджыты бинонты уæнгтæ та 1000 лари райсдзысты.

Финансон æххуыс лæвæрд æрцæудзæн Дыккаг дунеон хæсты архайджытæн æмæ хæсты чи фæмард, уыдоны бинонты уæнгтæн, кæцытæ регистрацигонд сты Ветеранты хъуыддæгты фæдыл паддзахадон службæйы ветеранты электрон базæйы.

Бардзырдмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æнæхъæн территорийыл иухаттон æхцайы социалон æххуысы лæвæрд (Дыккаг дунеон хæсты хайадисджытæ æмæ Тбилисы горæтон муниципалитеты регистрацигонд Дыккаг дунеон хæсты фæмардуæвджыты бинонты уæнгтæй дарддæр) æххæст кæндзæн LEPL – социалон лæггады агентад, кæцы Гуырдзыстоны фæллойы, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъхъæды министрады паддзахадон контролы бын ис. Тбилисы мэри сифтонг кæндзæн æмбæлон фæрæзты рахицæн, цæмæй Тбилисы регистрацигонд дыккаг дунеон хæсты хайадисджытæн æмæ дыккаг дунеон хæсты фæмардуæвджыты бинонты уæнгтæн финансон æххуыс бакæной.