Хицауады уынаффæйæ, туристон секторæн 2021 азы мулкы хъалон фæхатыр кæндзысты
Гуырдзыстоны туристон секторæн 2021 азы мулкы фидтон хардзгондыл банымайдзыстæм, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Премьер-куыд банысан кодта афтæмæй, хицауад бацахуыр кодта фæнысангонд секторы уæвæг сидтытæ æмæ уый тыххæй, цæмæй ковидæй сегасдæр фылдæр зиан ацы сектор бавзæрста, уыдон 2021 азы мулкы хъалон нал бафиддзысты.
«Гуырдзыстоны туристон секторæн 2021 азы мулкы хъалон хардзгондыл банымайдзыстæм. Бацахуыр кодтам фæнысангонд сенкторы уæвæгн уавæр, сидтытæ, проблемæтæ, кæцы секторæн æрымбырд ис, цæй зæгъын æй хъæуы ковиды тыххæй сегасдæр фылдæр зиан бавзæрста ацы сектор, уый нымæцы фысмуæтты æмæ ресторанты индустри,æмæ уыйæппæтмæ гæсгæйæ 2021 азы мулкы хъалон нал бафиддзæн ацы сектор. Деталтыл конкретонæй уын фехъусын кæндзысты экономикæйы æмæ финансты министртæ æмæ хъуыды кæнын, уый уыдзæн нысаниуæгджын æххуыс ацы секторæн», – банысан кодта премьер.