Хицауады уынаффæйæ  27 октябры банысан кæндзысты ахуыргæнæджы националон бон, сгуыхт педагогтæм та, 10000 ларийы бæрц æрвылазон преми уыдзæн лæвæрд
Хицауады уынаффæйæ 27 октябры банысан кæндзысты ахуыргæнæджы националон бон, сгуыхт педагогтæм та, 10000 ларийы бæрц æрвылазон преми уыдзæн лæвæрд

Гуырдзыстоны хицауады  уынаффæйæ,  27 октябр снысан ис  ахуыргæнæджы националон  бонæй.  Уый фæдыл  уынаффæ  Гуырдзыстоны  хицауады  абоны  рабадтыл рахастой.

Хицауады администрацийы информацийы куыд у банысангонд афтæмæй,  ног  инициативæмæ гæсгæйæ,  æхсæнады  педагогты  роль банысан кæнын,  аргъ сын скæнын æмæ ахуыргæнæджы профессийы  нысаниуæг  сбæрзонддæр кæнынæн  алы азы 27 октябр, гуырдзиаг педагогты, Гуырдзыстоны  зонадон педагогикæйы  бындурæвæрæгы, публицисты, сабион фыссæгы  æмæ  æхсæнадон  архаййæгы, Иакоб Гогебашвилийы  гуырæнбоны  снысан уыдзæн   ахуыргæнæджы националон бон.

«Фæнысангонд датæмæ гæсгæйæ, æрвылазонæй, æхсæнады æмæ ахуырады  системæйы  райрæзтмæ хайбавæрды  тыххæй,   сгуыхт  педагогтæи лæвæрд уыдзæн  ахуыргæнæджы националон   преми, специалонæй арызт  нысан æмæ æхцайæ хорзæх  10 000 ларийы бæрцæй», – банысангонд у информацийы.