Хицауады барамындæй, фашизмыл уæлахиздзинады 79-æм азысæрмæ гæсгæ, Дыккаг Дунейон Хæсты хайадисджытæ иухаттон 2000 ларитæ, æрмæст Дыккаг Дунейон Хæсты фæмардуæжыты бинонтæ 1000 ларитæ райсдзысты
Гуырдзыстоны хицауады барамындæй, фашизмыл уæлахиздзинады 79-æм азы сæрмæ гæсгæ, Дыккаг Дунейон Хæсты хайадисджытæ иухаттон æхцайæ социалон æххуысы хуызæй 2000 ларитæ, æрмæст Дыккаг Дунейон Хæсты фæмардуæжыты бинонты уæнгтæ 1000 ларитæ райсдзысты.
Гуырдзыстоны æппæт территорийыл, Тбилисы муниципалитетæй цух, иухаттон æхцайæ социалон æххуысы алæвæрд ифтонг кæны оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, фæллойажы, æнæниздзинады æмæ социалон хъахъхъæды Гуырдзыстоны министрады контролы дæлбар паддзахадон барады юридикон уæнг социалон лæггады агентад, ветеранты хъуыддæгты падздахадон куысты оæвæрд номхыгъды бындурыл.
Тбилисы регистрацигонд Дыккаг дунейон Хæсты хайаисджыты æмæ Дыккаг Дунйеон Хæсты фæмардуæвджыты бинонты уæнгтæн æхцайæ æххуысы алæвæрды нысанæн æмбæлгæ суммæты рауæлдай кæнын, хицауады барамындæй Тбилисы муниципалитеты мэриайæн уыд барамынд.
Премьер-иминистр Ираклий Къобахидзе барамындыл къух ныридæгæн бафыста.