Хицауады барамындæй, Дыккаг дунейон хæсты хайадисджытæн иухаттонæй 1000 лари, æрмæст Дыккаг дунеойн хæсты фæмардуæвджыты бинонты уæнгтæн та 500 ларийы, паддзахад 500 ларийы адæтдзæн
Гуырдзыстоны хицауады барамындæй, фашизмыл уæлахиздзинады 78-æм азысæрмæ гæсгæ, Дыккаг Дунейон хæсты хайадисджытæн иухаттонæй 1000 лари байуардзысты, æрмæст Дыккаг Дунейон Хæсты фæмардуæвджыты бимнонты уæнгтæн та – 500 ларийы, – уый фæдыл информаци, хицауады админситрацийы прессукыст хъусын кæны.
Афтæма сæ хъусинагæй, барамындыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили йæ къух ныридæгæн бафыста.
«Дыккаг дунейон хæсты хайадисджыты æмæ Дыккаг дунейон хæсты фæмардуæвджыты бинонты уæнгтæн иухаттон æхухысы алæвæрд оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон ифтонгады министрады социалон лæггады агентад сыххæст кæндзæн, æрмæст Тбилисы регистрацигондтæн та – Тбилисы мэриа», – банысангонд у хицауады пресскуысты информацийы.