Хицауады администраци Зураб Абашидзе æмæ Григорий Карасины фембæлды фæдыл информаци парахат кæны
Хицауады администраци Зураб Абашидзе æмæ Григорий Карасины фембæлды фæдыл информаци парахат кæны
Хицауады администраци, Прагайы гуырдзийаг-уырыссаг æнæформалон диалогы фæлгæтты, Уæрæсеимæ æмахастыты фарстаты Гуырдызстоны премьер-министры специалон бæрнон Зураб Абашидзе æмæ Уæрæсейы федералон советы уæнг Григорий Карасины фембæлды фæдыл информаци парахат кæны.
«Фембæлдыл, Зураб Абашидзе сцырын кодта хъусдард Цхинвалы дэ-факто хицауады ахстгонд гуырдзийаг дохтыр Важа Гаприндашвилийы фактыл, кæцы Гуырдзыстон æмæ æппæтдунеон масштабон резонанс расидтис. Фембæлдыл премьер-министры специалон бæрнон банысан кодта, æнæмæнг у Важа Гаприндашвилийы æссæрибар кæнын. Дзуаппæн Григори Карасин юанысанан кодта, цæмæй Важа Гаприндашвили тагъд рæстæджы йæ бинонтæм æрыздæхдзæн.
Ацы контексты Зураб Абашидзе фæныхас кодта Абхази æмæ Цхинвалы регионты адæймагы барты хъахъæд æмæ гуманитарон къуымæй уæвæг уæззау ситуацийыл, кæцыйыл ноджы деталонæй фæныхас кæндзысты Женевайы æппæтдунеон бадзырдты радон раундыл, кæцы Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстаты сæйраг формат у.
Боны фæткъы уæвæг фарстатæй, фарсытæ бакастысты дыууæ бæстæйы æхсæн 2019-æм азы январ-октябры периоды базарадон-экономикон æмахастыты, транспортон æмæ гуманитарон бастдзинæдты динамикæ. Хъусдард сцырын базарадон æмæ транспортон сфераты баст гуырдзийаг компаниты интересты хъахъæд æмæ проблемæты æрбиноныгыл.