Хицауады администраци, - Иранæй рацæуæг Гуырдзыстоны  æмбæстæгты бæстæмæ æрласынæн, Гуырдзыстоны хицауад сыхаг бæстæтимæ активон æмкуыст кæны
Хицауады администраци, - Иранæй рацæуæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты бæстæмæ æрласынæн, Гуырдзыстоны хицауад сыхаг бæстæтимæ активон æмкуыст кæны

Премьер-министры, Гиорги Гахариайы разамындæй,   коронавирусмæ гæсгæйæ  архайæг  æхсæнуагдонон   координацион   совет  радон  фембæлд  ауагъдта.

Премьер-министры  пресс-куысты информацийæ,   советы  абоны  рабадтыл оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритæй  лигъдæтты, куысты,  æнæнизхъахъъхæды æмæ   социалон  ифтонгады  министр Экатеринæ Тъикъарадзе  банысан кодта, цæмæй  ног коронавирусæй  инфициргондты нымæц нырма нæ райрæзтис, æрмæст ацы  рæстæгмæ  инфициргонд  æртæ  гоймагы   нæнæиздзинады  уавæр  стабилон у, сæ  уавæр  нæ фæфыддæрдæр ис.  Координацион  советмæ  лæвæрд æрцыд информаци,  цæмæй  ацы  этапыл  карантины уæвынц 120 адæймаг.

«Рабадтыл банысан ис, цæмæй Гуырдзыстоны  хицауад, сыхаг бæстæтимæ активонæй кусы Иранæй  рацæуæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты нæ бæстæмæ  æрласынæн, кæцытæ ацы  афонмæ  Сомихыстон æмæ  Азербайджанимæ  арæны  цур  сты.  Сæ транспортаци, æнæнизхъахъхъæды   министрады  бакуыст  протоколмæ æмбæлгæйæ  сыххæст уыдзæн», – банысангонд у  хицауады  администрацийы  ахæлиугонд информацийы.