Хицауадон комиссийы  рабадтыл   Европæйы зымæджы фæсивæдон  олимпион фестивалы организацион фарстатæ  æркастысты
Хицауадон комиссийы рабадтыл Европæйы зымæджы фæсивæдон олимпион фестивалы организацион фарстатæ æркастысты

Гуырдзыстоны  премьер-министры Ираклий Къобахидзейы  къухдариуæгæй,  Европæйы  зымæджы  фæсивæдон  Олимпион фестивалы «Бакуриан 2025-ы» ауадзынæн йæ къух саразыны  нысанæн арызт   хицауадон   комиссийы  фыццаг  рабадт  ацыд.

Фæнысангонды фæдыл  информаци хицауады  администрацийы   пресскуыст   хъусын кæны.

Афтæма сæ хъусинагæй, комиссийы  уæнгтæ  Олимпиадæ ауадзынæн  организацион фарстатæ æркастысты.

«2025 азы Европæйы зымæджы  фæсивæдон Олимпион фествиалы   регионалон райрæзты æмæ инфраструктурæйы министрады  муниципалон  райрæзты фонд Бакурианы – биатлоны æмæ  къахдзоныгътæй  дугъы   трассæты æмæ снемæ баст инфраструктурæ рæвдзгæнæн куыстытæ   активонæй  цæуынц. Дугъы трассæты  аразгæ  митæй  бамбæрзынæн   арызт цæуы  бонæввонгы  æмæ электросистемæтæ дæр.   Хатдзæгон этапыл ис  Тбилисы  ихын фæзы  арæзтад.  Хоккейы,  фигурон бырыны  æмæ керлингы  спорты  хуызтæн   Тбилисы  фæзы  700-ы онг кæсæгыл  у нымад.  Проекттæ  паддзахадон бюджетæй  50 милуан  ларийæ  фылдæр финанс кæнынц.  Европæйы  зымæджы  фæсивæдон Олимпион фестивалæн «Бакуриан 2025-ы»  ауадзынæн йæ къух саразыны  нысанæн  хицауадон комисси  хицауады  барамындæй  уыд арызт.   Комисси ифтонг кæны   фестивалы  организацидзинады   баст уагдæтты æмæ  организациты   координацидзинад æмæ фестивалимæ баст  фарстаты  оперативонæй  алыг. Европæйы зымæджыфæсивæдон Олимпион фестивалæн Гуырдзыстон  сфысым кæндзæн 2025 азы февралы», – дзырдæуы  хицауады администрацийы  информацийы.