Хицауадон  гæсты ранымадмæ, кæцытæ хæсджын  сты мулкон  уавæры фæдыл  деклараци  баххæст кæнын,  ноджы цалдæр   рангы  гæсы бынат бахастой
Хицауадон гæсты ранымадмæ, кæцытæ хæсджын сты мулкон уавæры фæдыл деклараци баххæст кæнын, ноджы цалдæр рангы гæсы бынат бахастой

Прокуррор, Евроджасты æмцæдисон прокуррор, æмцæдисон прокурроры æххуысгæнæг, афтæма  генералон  прокуратурæйы  департаменты  хистæртæ (кæцытæ  гæстыл нымад ныры онг нæ цыдысты)  хæсджын уыдзысты   гæсы  мулкон   уавæры фæдыл  деклараци   баххæст кæной.

Æмбæлгæ ивддзинæдтæ æрцæттæ кодта хицауад, кæцыты  бюройы абоны  рабадтыл   рахæсдзысты.

Абон архайæг  закъонæй,  декларацийы баххæст кæнын  хæсджын  сты   гæстæ, кæцытæ  сты – генералон прокуррор,  генералон  прокурроры  фыццаг  хæдивæг  æмæ хæдивджытæ, генералон  прокуратурæй  департаменты  хситæртæ,  Абхазы æмæ Ачъарайы  автономион   республикæты, Тбилисы, зылдон æмæ  районон  прокурротæ.

Хицауады æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   прокурроры статус кæмæн ис  алы уыцы гоймаг  нæ  хауы   гæстæн «коррупцийы ныхмæ тохы  фæдыл»   закъонæй  бæрæг   регуляциты фæлгæттæм,  уы нымæцы  гæсы  мулкон уавæры  деклараци бавдисыны  цæстæнгасæй.

Закъонмæ гæсгæйæ,  деклараци æнæбавдысты тыххæй  гоймаг  фæивар уыдзæн 1000  ларийæ.