Хицауад «Намахван ГЭС» -ы амады алыварс процессты фæдыл цалдæр æскъуыддзаг райста
Хицауад «Намахван ГЭС» -ы амады алыварс процессты фæдыл цалдæр æскъуыддзаг райста
Гуырдзыстоны хицауад «Намахван ГЭС» -ы амады алыварс процессты фæдыл цалдæр æскъуыддзаг райста.
Хицауады администрацийы фидиуæны ис фыст, цмæй премьер-министры хæслæвæрдæй, компани «Энка»-мæ вæрд къухфысты бацахуыр юстицийы министрад сыххæст кæндзæн. Афтæ дæр юстицийы министрад баххуырсдзæн æппæтдуноен юридион компани, кæцы бацахуыр кæндзæн контрактты уавæртæ æппæтдуноен практикæмæ гæсгæ.
Гуырдызстоны хицауады æрхуындæй, æнæхицауадон секторæй медиацийы процессы уыдзысты баст Евроцæдисы энергетикон иудзинады бæрнонтæ. Æппæтднеон эксперт кусдзæн ГЭС-ы амады процессыл.
Фидиуæнмæ гæсгæ, гуырдзыстоны хицауад адаргъ кæндзæн документы уавæрты бæлвырддзинад компани «Энкаимæ». Проекты сыххæстæн хицауад фембæлдзæн компанийы къухдариуджытимæ.
Хицауады администрацийы сидынц, цæмæй амадыл снысан ис моротори 9-12 мæйы æмгъуыдæй, цалынмæ нæ сырæздзæн геологион æмæ сейсмологион иртаст.